Уалдзыгон каникултæ пайдаимæ арвитыны фадат уыд бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынцух бинонты сабитæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

21 просмотр

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

21 просмотр

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

21 просмотр

3 года назад

Спортивон ерыстæ «Веселые старты»-йы архайы 5 командæйы. Алы архайæг дæр йæ сæрæндзинад æмæ лæмбынæг уæвыны руаджы йе 'вæрæн хæссы йæ къорды уæлахизмæ. Ерысгæнджытæ сты горæты æмæ районты скъолаты ахуырдзаутæ. Уалдзыгон каникулты афтæ сæ фæллад уадзынц лагерь «Алайнаг фыранк»-ы. Уый байгом кодтой центр «Доброе сердце»-йы бæстыхайы. Ханайты Милинæ лагерьмæ цæуы ныр 7 азы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы бынат уарзы йæ курдиаттæ дзы раргом кæнын йæ бон кæй у, уый тыххæй.     Сывæллæттæн сарæзтой цымыдисаг программæ. Уыдысты планетарийы, национ музейы, хиирхæфсæн центры. Суанг ма Дзæуджыхъæуы сырддоны дæр балæууыдысты. Хосроты Иветæ лагеры улæфы фыццаг хатт. Ахæм фæлладуадзæн бынатæй тынг разы у. Боныгон уæвыны лагерь «Алайнаг фыранк» уалдзыгон каникулты рæстæгмæ суазæг кодта 50 сабийы. Уыдон сты 7-æй 15 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ æххуысцух æмæ бирæсывæллонджын бинонтæй. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, лагеры фæстæ сывæллæттæ ног тыхтимæ раздæхынц ахуырмæ. Уæдмæ та сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани дæр æрбахæццæ уыдзæн. Цæмæй сывæллæттæ æмбæлгæ уавæрты сæ фæллад уадзой, уый тыххæй хъæуы цæттæгæнæн мадзæлттæ хæрзхъæд саразын. Боныгон уæвыны лагерьты куыстæн республикæйы хицауад радих кодта 40 милуан сомæй фылдæр.

, чтобы оставлять комментарии