Хуссар Ирыстоны милицæйы кусджыты уавæр фæхуыздæр
Хуссар Ирыстоны цы милицæйы кусджытæ фæцæф сты, фыдгæнджыты ахсгæйæ, уыдоны Уæрæсейы дзæбæхгæндонмæ раивдтой. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон райрæзты министр Тотчиты Георгий. Раздæр уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы районы милицæйы кусджытæ Пухаты Сослан æмæ Гатыккоты Захар фæбыцæу сты 2 фыдгæнæгимæ Къæбысты Андреимæ æмæ Гæбæраты Сæрмæтимæ. Рауад хæцæнгарзæй æхстытæ. Æвирхъау цау æрцыд Залды хъæуы. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады ныхæстыл æнцайгæйæ, дыууæ фыдгæнæджы æрцахстой Гуырдзыстоны арæнты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны милицæйы кусджыты уавæр фæхуыздæр
Категория:
Новости и СМИ