Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты сарæзтой наукон-практикон конференци
Уæрæсейы æппæтадæмон ахастытæ æмæ дзы Цæгат Ирыстон цы хайад исы уыцы хъуыддæгты, ууыл ныхас цыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты наукон-практикон конференцийы. Мадзал аразджытæ сты ахуыргæнæндоны æппæтадæмон ахастыты факультет æмæ Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл министрады минæварард нæ горæты. Конференци сбастой Уæрæсейы наукæйы æмæ дипломатикон кусæджы бонтимæ. Архайдтой дзы хицауады уæнгтæ, æхсæнадон æмæ ахуырадон организациты минæвæрттæ, стæй эксперттæ Сомих æмæ Иранæй. Уыдон байхъуыстой докладтæм æмæ æрныхас кодтой нæ бæстæйы фæсарæйнаг æмцæдисонтимæ ахастытæ, БРИКС-ы бæстæты æмгуыстад æмæ Цæгат Ирыстоны æппæтадæмон бастдзинæдты тыххæй.