Уæрæсейы абон бæрæг кæнынц Александр Пушкины гуырæн бон
Дзæуджыхъæуы сæрмагонд мадзæлттæ сарæзтой Александр Пушкины номыл скверы. Архæйдтой дзы сфæлдыстадон цæдисы минæвæрттæ, æхсæнадон кусджытæ æмæ скъолаты ахуырдзуатæ. Поэты цыртдзæвæнмæ æрбахастой дидинджытæ. Æрхъыды йын кодтой йе мдзæвгæтæ. Азарыдысты зарджытæ. Наукон библиотекæйы та сарæзтой уырыссаг поэтты сфæлдыстадимæ баст сывæллæтты нывты равдыст. Уыдзæн ма дзы чингуыты равдыст дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уæрæсейы абон бæрæг кæнынц Александр Пушкины гуырæн бон
Категория:
Новости и СМИ