Алагиры 4-æм скъолайы кусы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты музей

Ацы музейы алы дзаумайыл дæр сывæллæтты фæд ис. Сæхæдæг сæ кодтой. Информацион фæйнæджытæ, хæдзары дзауматæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ йæ цард чи радта, уыдоны царды тыххæй цаутæ. 160 хуызисты, сæрмагонд гæххæттытæ, фронтæй фыстæджытæ. Æрмæджытæ æвзонг кæстæртæ æмбырд кодтой цалдæр азы. Скъолайы кабинеттæй иуы музей саразыны хъæппæрис разынд директоры хæдивæг Таболты Ритæмæ. Фыццаг уыд чысыл къуым. Фæлæ йæ 2022-æм азы фæхуыдтой "Неизвестный солдат", зæгъгæ, конкурсмæ. Уæрæсейы 600 музейы 'хсæн дзы бацахстой дыккаг бынат. Скъола рамбылдта æхцайы фæрæзтæ, уыдоны 'руаджы ахуыргæнæндоны музей раивта нырыккон хуызмæ, уыимæ ма дзы фæзынд информацион стендтæ дæр. Хъæугæ æрмæг æрæгмæ æмбырд кодтой. Уыд зын æмæ бирæ рæстæг домаг куыст. Архивы иу баззадысты сахатгай. Фæсивæд æмбæлдысты ветерантимæ, фыстой сын сæ ныхæстæ. Базыдтой иу уыцы тугкалгæ хæсты цауты тыххæй. Бирæ сывæллæттæ та музеймæ æрбахастой сæ бинонты историон документтæ, сæ æдзард хæстæджыты тыххæй сæрмагонд гæххæттыæ. Ныр æппæт æрмæджытæ дæр ам цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц. Скъолайы ма фæзынд агурæн къорд "Подвиг". Фæсивæд ацæуынц экспедицийы Фыдыбæстæйы Стыр хæстимæ баст æрмæджытæ ссарыны нысанимæ. Æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæм разæй нырма бирæ куыст æнхъæлмæ кæсы. Фидæны пълæнтты ма ноджы дыууæ музейы саразын Сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ афгайнаг цауты архайджыты номыл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 454 подписчика
12+
14 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии