Дзæуджыхъæуы Армянскийы уынджы 25 æм хæдзар сцалцæг кодтой
Армянскийы уынджы 25-æм хæдзары цæрджытæ бирæ азты хъаст кæнынц сæ цæрæн бынаты уавæрæй. Бирæуæладзыгон хæдзар сарæзтой 50 азы размæ. Бындурон цалцæг æй 1 хатт дæр не скодтой. Разамындæттæг куыстуат хæдзар сцалцæг кæныныл не сразы. Уымæ гæсгæ цæрджытæ æрымбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ æмæ æххуыс агуыр фæсидтысты æндæр разамындæттæг куыстуатмæ. Хæдзар цалцæг кодтой мæйæ фылдæр. Аразджытæ æмæ цæрджытæ æмгуст кодтой. Банывыл кодтой пъадвал. Сног кодтой хæдзары сæр. Уымæй уæлдай ма йын базылдысты йе æддаг бакастмæ дæр. Армянскийы уынджы хæдзар фыццаг нæу ацы разамындæттæг куыстуат цæрджытимæ иумæ кæцы хæдзар сцалцæг кодтой, уый. Шмулевичы номыл æмæ Бородинскийы уынджы хæдзæртты хæтæлтæ ногæй баивтой. Цæрджытæ куыстуатæй разыйæ баззадысты. Суанг ма сæм цы æхцайы фæрæзтæ баззад уыдон фæстæмæ цæрджтæн раттой. Разамындæттæг компанийы куыд зæгъынц, афтæмæй цæрджытæй сæ цæрæнуæттæ сног кæнын кæй фæнды, уыдонимæ зæрдиагæй бакусынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы Армянскийы уынджы 25 æм хæдзар сцалцæг кодтой
Категория:
Новости и СМИ