20-æм Апрелы байгом уыдзæн тарниз дзæбæхгæнæн диспансер
айсом байгом уыдзæн тарниз дзæбæхгæнæн диспансер. Кадджын мадзалы бацархайынмæ хъуамæ саккаг кæной федералон хицауады уæнгтæ. Медицинон куыстуаты бæстыхай рагæй заууатмæ æрцыд. Афæдз æмæ `рдæджы размæ объект аразын райдыдтой паддзахадон программæ «Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзт 2025 азмæ»-йы фæлгæты. Куыстытæ куыд æххæстгонд цыдысты, уый æппынæдзух бæрæг кодта республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр сæм йæ хъус дардта. Проектмæ гæсгæ рынчындоны ис бирæ хайæдтæ: хирургон, исæн хайад, карджын адæмы æмæ сывæллæтты поликлиникæтæ, рентгены хайад. Уымæй уæлдай ма операцион блок æмæ реанимацион хайад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
20-æм Апрелы байгом уыдзæн тарниз дзæбæхгæнæн диспансер
Категория:
Новости и СМИ