Ирон уацмыстæ - смартфоны
Ирон литературæйы классикты уацмыстæ бахаудысты интернетмæ. Проект «Ирон чиныг» сарæзта лæвар уæлæмхасæн Айфонтæй пайдагæнджытæн. Раздæр ацы программæ куыста æрмæстдæр Андроид платформæимæ телефонты. Ныр та смартфонтæй пайдагæнджытæн фадат фæзынд уацмыстæ кæсын æмæ сæм уыцы-иу рæстæг иронау хъусынæн дæр. Кæсгæйæ адæмæн сæ бон у тексты шрифт сæхимæ гæсгæ сраст кæнын, стæй ма æнæзонгæ дзырдтыл ныххæцгæйæ сæ тæлмац уайтагъд базонын. Цалдæр бонмæ ацы ног уæлæмхасæн программæ сæ телефонтæм баппæрстой дыууæ мин адæймагæй фылдæр. Проект аразджытæ сæ куыст ууыл нæ бауромдзысты. Уацмысты бæрц кæндзæн фылдæрæй-фылдæр. Ныр уал адæмæн сæ бон бакæсын у Нарты кадджыты 64 радзырды, стæй ма Коцойты Арсены уацмыстæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ирон уацмыстæ - смартфоны
Категория:
Новости и СМИ