Цæгат Ирыстоны скъолаты ахуыртæ райдайдзысты 9-æм январы
Скъолатæ карантины нæ сæхгæндзысты. 9 январы сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсынц æппæт скъолаты дæр. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Куыд радзырдта, афтæмæй ахуыртæ райдайдзысты нысангонд фæткмæ гæсгæ. Æнæмæнг цæстдард уыдзæн регионы эпидемиологон уавæрмæ, уыимæ æхснырсæг æмæ гриппæй рынчынты нымæцмæ. Кæд ахуыргæнæндоны эпидемиологон къæпхæн 20% фылдæр уа, уæд скъолайы разамонæджы уынаффæмæ гæсгæ ахуырадон процесс бауромдзæн.