Нывгæнджыты цæдисы байгом Дзбойты Михалы куыстыты равдыст
Абон Нывгæнджыты цæдисы байгом Дзбойты Михалы куыстыты равдыст. Фенæн дзы ис, æмбал кæмæн нæй, ахæм экспонаттæ алыхуызон жанрты. Портреттæ, цыртдзæвæнтæ, Нарты кадджытæм гæсгæ конд скульптурæтæ æмæ æндæр цымыдисаг дзауматæ. Юбилярæн арфæ ракодта Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз. Мадзалмæ саккаг кодтой культурæйы кусджытæ дӕр, хиуæттæ æмæ хæлæрттæ. Сфæлдыстадон архайды фæдыл скульпторы схорзæх кодтой Кады гæххæтытæй. Равдыст ахæсдзæн 28 апрельмæ.