Цæгат Ирыстоны афæдзы кæронмæ байгом кæндзысты 13 «Рæзты тæлмы» æмæ 2 ног «Кванториумы»

Цæгат Ирыстоны афæдзы кæронмæ байгом кæндзысты 13 «Рæзты тæлмы» æмæ 2 ног «Кванториумы». Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныридæгæн æмбæлгæ кусæнгæрзтæ исын райдыдтой: микроскоптæ, лабораторон æмбырдгондтæ, 3D-принтертæ æмæ æндæртæ. Ног фæзты фæрцы 1 мин 300 сывæллонмæ хæстæгæн, сæ фылдæр хъæутæй, афтæмæй фадат уыдзæн нырыккон ахуырады гæнæнтæй пайда кæнын. Æмткæй райсгæйæ республикæйы кусы 125 «Рæзты тæлмы» æмæ 6 «Кванториумы». Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй нæ сывæллæттæн ис хорз гæнæнтæ робототехникæйы архайынæн, мультфильмтæ ныв кæнынæн, скъолайы предметтæ ахуыр кæнынæн. Нацпроект "Ахуырад" хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы: физикæйæ, математикæйæ конкурсты æмæ конференциты уæлахиздзауты 'хсæн рæзы хъæуты сывæллæтты нымæц. Фылдæр рауагъдонтæ Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттынц бæрзонддæр баллтыл, æмæ куыд хатдзæг, равзарынц инженерон-техникон здæхтытæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
15 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии