Футболы фæзминаг
Беслæны дыккаг хатт сарæзтой турнир футболæй зындгонд футболист Дзæгъойты Аланы хъæппæрисæй. Архайдтой дзы,8-æй 9 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ. Ацы аз командæтыл дзæвгар бафтыди. Æрыгон æмæ æвзыгъд футболисттæ æрбамбырд сты сыхаг республикæтæй дæр. Иумæ ахъазыдысты. Турниры хуыздæр йæхи чи равдыста, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд. Нæ уахцæсджыты æрмæг Беслæнæй. Тренер ма хъазты агъоммæ фæстаг амынддзинæдтæ дæтты æмæ чысыл футболæйхъазджытæ фæзмæ тъæбæрттæй згъорынц. Ныхмæлæууæгыл хинæй рацæуын æмæ пурти хызæджы смидæг кæнын. Абоны хъазт уæлдай вазыгджын у. Хъазтмæ лæмбынæг кæсы зындгонд футболист, нæхи `мзæххон - Дзæгъойты Алан. Лæппуты хъæуы сæ сæрæндзинад равдисын æмæ сæ хъарутæ бафæлварын. Ахæм ерысты фæсивæд архайынц фыццаг хатт. 9-гай азтæ йеддæмæ сыл нæ цæуы. Фæлæ, лæппутæ уыцы кары сты, цæмæй сæ арæхсдзинад æвдисын райдайой алыхуызон турнирты. Ерысгæнджыты фæнды равдисын, алчи сæ йæ ныхмæлæууæгæй хуыздæр кæй у. Ацы аз турнирмæ фылдæр адæм æрæмбырд. 10 командæйы архайынц хуыздæры ном хæссыныл. Сты алы рæттæй: Беслæнæй, Дзæуджыхъæуæй. Налцыккæй, Махачкалайæ, Ессентукийæ æмæ Цхинвалæй. Финалмæ ахызтысты дыууæ командæйы - Беслæнæй æмæ Ессентукийæ. Зын хъазт рауад. Иутæ иннæтæн азмæлыны бар нæ лæвæрдтой. Разындысты æмдых. Бахъуыд сæ пенальтиты сæр. Фæуæлахиз Беслæны командæ. Дзæгъойты Аланæн уый у æхсызгон. Йæхæдæг дæр кæддæр хъазын ам райдыдта. Уæлахиздзауты хорзæхджын кодтой кадджын уавæры. Кубок, майдантæ æмæ зынаргъ лæвæрттæ не `нтысджын футболистæй. Турниры домæнтæм гæсгæ, командæтæй фыццаг дыууæ бынаты чи бацахста, уыдон Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты сывæллæтты футболон лигæйы чемпионаты кубок рамбулыны ерысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Футболы фæзминаг
Категория:
Новости и СМИ