Фыццаг дидинджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

9 лет назад

Уалдзæг райдыдта, æмæ та уынгтæ алæмæты рæсугъд тæфæй байдзаг сты. Кæй не 'рфæнды уалдзыгон фыццаг дидинджытæй уарзон сылгоймæгты зæрдæтæ схъарм кæнын. Балхæнын та сæ æнцон у. Алы тигъыл дæр сæ уæй кæнынц. Фæлæ бирæтæ зонгæ дæр нæ кæнынц, сæ фылдæр уыцы дидинджытæн Сырх чиныгмæ хаст кæй сты, уый. Æнцон æхцатæ æмæ адджын тæф, æвæццæгæн, браконьерты сæртæ разилын кæнынц. Малусæгтæ, примулæтæ, гиацинттæ, тюльпантæ. Уалдзыгон фыццаг дидинджыты номхыгъд цыбыр нæу. Фæлæ сæ кæцыдæртæ æрдзы æмбæлынц стæм хатт æмæ хаст сты Сырх чиныгмæ. Фæлæ уæддæр алы уалдзæг дæр сæфгæ цы дидинджытæ кæнынц, уыдон бæстытæ уæй кæнынц уынгты. Уый та у уагхæлд. Дзæуджыхъæуы ацы фарста алыг кæныныл кусынц Уæрæсейы æрдзхъахъхъæнынады республикон управлени. Æрвылаз дæр саразынц æнæзакъонæй дидинджытæ уæй кæныны цаутæ бауромыны сгæрстытæ. Уæрæсейы æрдзхъахъхъæнынады РЦИ-Аланийы управленийы кусæг Самайты Алан: «Ацы аз арæзт æрцыд 8 ахæм сгæрсты дидинджыты базарты. Æнæзакъонæй дæр дзы уæй кодтой. Аххосджынтæ административон уагмæ гæсгæ дзуапп фæдæттынц, ома иваргонд æрцæуынц 2,5-æй – 5 мин сомы бæрц». Закъонхалджытимæ тох кæнын æнцон нæу. Æфхæргæйæ цыл фæхъæуы ауæрдын дæр. Уымæн æмæ арæхдæр ахæм дидинджытæ фæуæй кæнынц карджын сылгоймæгтæ. Хъуыддаг ахицæн вæййы æрмæст профилактикон ныхæстæй. Уæйгæнджытæ сæхæдæг хъаст кæнынц, дидинджытæ уæй кæнын сæ иунæг бакуыст у, зæгъгæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, зонынц Сырх чиныгмæ цавæр дидинджыты хуызтæ хауы, уый, æмæ уыдон нæ уæй кæнынц. Цæгат Ирыстоны уалдзыгон фыццаг дидинджытæй 10 хуызы нымад сты, стæм хатт чи æмбæлы, ахæмтыл. Уыдонмæ хауынц Кавказаг æмæ уæрæхсыфджын малусæг, Шренкы тюльпан, Дарьялаг æмæ Лескенаг первоцвет. Экспертты ныхæстæм гæсгæ, уыдонæй кæцыдæртæ 50 азы фæстæ фесæфдзысты. Аххосæгтæ та ацы уавæрæн ис бирæ. Фыццаджыдæр, климаты æвадат уавæртæ. Фæлæ сæ фесæфты адæмы аххос дæр ис. Биологон наукæты кандидат, ЦИПУ-ы физиологи, анатоми æмæ ботаникæйы кафедрæйы доцент Игорь Николаев: «Бирæ адæм ацы дидинджытæ сыппарынц сæ уидæгтимæ, цæмæй цæ сæ цæхæрадæтты ныссадзой. Уый дæр æвзæр фæзыны дидинджытыл. Къахын сæ нæ хъæуы. 2-3 азы фæстæ фесæфынц, уымæн æмæ сын ног уавæртæ нæ фæбæззынц. Æмæ та адæм ногæй хъæдмæ араст вæййынц. Дидинджытæ аирвæзын кæныны мадзæлттæй иу у сæ культиваци. Ома сын сæ уидæгтæ бафснайын æмæ сæ ногæй ныссадзын». Ахæм дидинджыты хуызтæ зайын кæнын хъæуы ботаникон цæхæрадæтты. Уыимæ ма дзы хъæуы специалистты фæкаст дæр. Бынтон сæфты къахыл лæууынц æрмæст первоцветтæ нæ, фæлæ ма æндæр зайæгойтæ дæр. Хъæуы æрмæст дæр Сырх чиныг байгом кæнын, æмæ сæ алчидæр йæхæдæг фендзæн. Уый тыххæй дидинæг æд уидæгтæ æртоныны размæ уал ахъуыды кæнын фæхъæуы, цас знаггад æрхæссдзæн ацы хабар æрдзæн.  ¤ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фыццаг дидинджытæ

Категория:

Новости и СМИ