Хъæууон хæдзарадæн æххуыс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

8 лет назад

Хъæууон хæдзарадмæ Цæгат Ирыстоны кæддæриддæр стыр æргом здæхтой. Фæстаг азты та уæлдайдæр. Алы фермеры, кæнæ хæдзарадæн йæ бон у ГРАНТтæ рамбулыны конкурсы архайын. Бирæтæн бар ис кредит льготæтæм гæсгæ райсын дæр. Уый тыххæй та, фыццаджыдæр, хъæуы бацархайын хъæуы иннæтæй хуыздæр уæвын. Стæй хæдзарад цы пайда хæссы, уый равдисын. Хуыздæрты сбæрæг кæныны нысанимæ республикæйы хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег зилы районтыл æмæ кæсы хæдзарæдты куыстмæ. Фылдæр æргом здахынц фермеры куыст кæнын нырма ныр чи райдыдта, уыдонмæ. Абон уыд Кировы районы. Лазарты Арсен фосы куыст 14 азы кæны. Дары стурвос, кæны зайæгойты куыст дæр. Ацы аз йе мкусджытимæ сæхи хъарутæй 100 гектары фæзуатыл ныссагътой нартхор. Æрыгон фермеры куыд нæ фæнды паддзахады æххуыс райсын. Хъæууон хæдзарады министрады конкурсы архайынмæ курдиат балæвæрдта. Кæд ын исты æххуыс бакæной, уæд уыцы æхцатæй фæнд кæны хъомтæ бамхæнын. Кæм сæ дардзæн, уыцы бынæттæ дæр сын бацæттæ кодта. Лазарты Арсен - фермер:  «Зайæгойты куыст дæр кæнæм. Уый ма ныны æххуыс у нæ фосæн холлагæн. Ныртæккæ нæм 60 сæры ис. Дзидзайæн сæ хæссæм. Ныр нæ фæнды ГРАНТ райсын. Агъай-дæр нын пайда уыдзæн. Уæд дзы дуцгæ хъуццытæ балхæндзыстæм æмæ æхсыры куыст кæндзыстæм. афтæмæй æрмæст махæн пайда нæ уыдзæн. фæлæ бынæттон фæлхасгæнджытæн дæр. Нæхæцæй не ппæлæм, фæлæ нæ продукци хорз у». Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрады минæвæрттæ бабæрæг кодтой 6 хæдзарады. Нымад сты районы экономикæйы рæзтæн пайда чи у, уыцы куыстуæттыл. ГРАНТТÆ рамбулыны конкурсы ацы аз фылдæр æргом аздæхтой фосдарынадмæ. Цæгат Ирыстоны профилон ведомствæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы ныртæккæ афтидæй 50 фермæйы лæууынц. Министрады специалисттæ цæттæ сты фосы куыст кæнын кæй фæнды, уыдонæн баххуыс кæнын. Бæстыхæйтты æмæ зæххыты мæт дæр сæ нæ уыдзæн. Ацы æмæ æндæр фарстаты тыххæй фермертимæ кодтой æмбарынгæнæн куыст. Сæйрагдæр та уый æмæ конкурсы бацархацын алкæй бон дæр у. Мæрзойты Хъазыбег - РЦИ-Аланийы хъæууæон хæдзарады министры хæдивæг : «ГРАНТТ-æй уæлдай ма фермерыты бон у кредиттæ льготæтæм гæсгæ райсын. Паддзахады руаджы сæ фиддонтæ дзæвгар къаддæр уыдзысты. Ахæм хуызы хъæууон хæдзарад ныр цалдæр азы к усы. Зæхкусджытæн дæр ахæм æмгуыстад пайда у». Георгий Хадакоевский - ставрополы "Россельхозбанчы" Дзæуджыхъæуы офисы разамынддæттæг:  «Цы кредиттæ дæттæм. уыдон пайды кæй сты, уый бæрæг у. Æрмæст ацы аз нæм балæвæрдтой 5 курдиаты. Кредит чи райса, уыдоны уæлæмхасæн 5% фылдæр фидын нæ бахъæудзæн. Уый, мæнмæ гæсгæ бирæ нæу. Æхцатæ та хæдзарæдты рæзтыл хуыздæрырдæм фæзындзысты. Сæ бон уыдзæн рæзы, сæ фæндтæ æмæ ног проекттæ æххæст кæнын». Ацы аз ГРАНТты иумæйаг бæрц у 200 млн сомы. Хъæууон хæдзарады министрады специалистты хъуыдымæ гæсгæ паддзахады æххуысæй фермертæ сæ къæхтыл тагъддæр æмæ фидардæр кæй слæудзысты, ууыл. ГРАНТ райсынмæ курдиат бадæттæн уыдзæн 2019 азы райдиан. Уæдмæ та се ппæт дæр хъуамæ базилой сæ хæдзардтæм, саиу сæ кæной. Уæд фылдæр баллтæ райсдзысты æмæ сæ бон фылдæр ГРАНТ райсын уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хъæууон хæдзарадæн æххуыс

Категория:

Новости и СМИ