Десантон æфсады бон
Абон у десантон æфсады бон. Бæрæгбоны фæдыл кадджын мадзæлттæ сарæзтой Дзæуджыхъæуы дæр. Райдыдтой митингæй. Æмбырды архайджытæ, сæхæс æххæстгæнгæйæ цы æфсæдтонтæ фæмард, уыдоны рухс ном ссардтой. сæ цыртытыл сын сæвæрдтой дидинджытæ. Уый фæстæ хуыздæр æфсæддонты схорзæхджын кодтой кады гæххæтытæй. Уый фæстæ Джызæлы бынмæ цы аэродром ис, уым æвсæдтонтæ сæ тыхтæ равдыстой хъæбысхæстæй æмæ хæцæнгарзæй пайда кæнынæй. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Гозымты Роман: «Æнæмæнгæй мæ бон зæгъын у уый: фылдæр хъæуы ахæм бæрæгбæттæ ‘вдисын, фылдæр хъæуы патриотикон æмæ æфсадон цæмæй кæстæртæ ахуыр кæной куыст кæнын». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Десантон æфсады бон
Категория:
Новости и СМИ