Дзæуджыхъæуы 34-æм муниципалон маршрутыл рацыдысты 4 ног хæдтулгæйы «Газель NEXT»
4 ног хæдтулгæйы «Газель NEXT» фæзындзысты 34-æм муниципалон маршруты. Хæдтулгæтæ самал кодтой бæлццæты нымæц кæй рæзы, уымæ гæсгæ. Стардтой сæ Стъараполæй. Хæдтулгæтæ рауагътой 2020-æм азы. Йе `нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы бæлццæттæн дæр дзы хъæугæ уавæртæ ис. Ифтонггонд ма сты системæ ГЛОНАСС-æй. Боны æмгъуыдмæ иу «Газель» аласдзæн 250 бæлццоны. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ 34-æм муниципалон маршрут сног кодтой ивгъуыд азы декабры. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 34-æм муниципалон маршрутыл рацыдысты 4 ног хæдтулгæйы «Газель NEXT»
Категория:
Новости и СМИ