Иумæ ахъуыды кæнæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

Фыййагдоны администрацийы сæргълæууæг абон фембæлд бынæттон цæрджытимæ æмæ сæ базонгæ кодта 2017 азы йæ куысты хатдзæгтимæ. Æмбырды архайдтой парти «Иугонд Уæрæсе»-ы минæвæрттæ, парламенты депутаттæ Бокоты Эльбрус æмæ Виталий Назаренко. Семæ уыдысты республикæйы фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль, тарифты регионалон службæйы разамонæг Къуымæриттаты Алан æмæ «Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан. Æрдзырдтой хъæуы æппæты ахсджиагдæр фарстатыл. Гуыриаты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, фарон аз сын бирæ бантыст. Фæзынд сæм ног культурæйы галуан, рацарæзтой сæйраг бирæуæладзыгон хæдзæртты хъармгæнæн аг кæм ис, уыцы бæстыхай, нуазыны доны фарста дæр алыг кодтой. Цасдæр рæстæг чъизийæ калд. Йæ бынатæй фенкъуысыд газуадзæн хæтæлты арæзтад дæр. Æмæ тагъд, Фыййагдоны цæрджытæ пайда кæндзысты æрдзон газæй. Хъæуы администрацийы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ уæлдай æргом здахынц туризмы рæзтмæ. Аразынц ног социалон объекттæ, улæфæн бынæттæ, санаторийтæ æмæ фысымуæттæ. Сæ фæрцы ног куысты бынæттæ фæзындæн. Фæлæ уыцы хъуыдыимæ бынæттон цæрджытæ не сразы сты. Уæлдай дæр, фæсивæд. Ныртæккæ сæ фылдæрæн куыст зын ссарын у. Иннæ райхалинаг фарста та у – энергетикон нозт кæй хонынц, уый æнæзакъонæй кæй парахат кæнынц, уый. Кæцыдæр дуканиты сæ нырма уæй кæнынц. Æмбырды ма дзырдтой фидæны рæзтыл дæр. Бæстон цæмæ æркæсой, уый та ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Иумæ ахъуыды кæнæм

Категория:

Новости и СМИ