Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло сарæзта аппаратон æмбырд

Иу скъола æмæ сывæллæтты 4 рæвдауæндоны сæхгæдтой карантины. Ахуыртæ низы аххосæй чи фæцух кодта, уыдоны нымæц бирæ уыд. Уавæрмæ ис æппынæдзух цæстдард. Уый тыххæй регионы разамонæг Сергей Меняйлойæн аппаратон æмбырды радзырдта дзуапдæттæг министр Алыбегты Эллæ. Грипп æмæ æхснырсæгæй рынчынты нымæц фæстаг къуыри æппæт кары категориты дæр фæфылдæр. Дохтырты æххуысмæ чи фæсиды, уыдонæн сæ 80% сты сывæллæттæ. Хæхты тæссаг у миты зæйтæ рацæуынæй. Алагиры районы снысан кодтой бæрзонд цæттæдзинады фæтк. Арвыкомы фæндаг æмæ Транскам гом сты хæдтулгæты æппæт хуызтæн. Уавæрмæ æппынæдзух сæ хъус дарынц дзуапдæттæг ведомствоты. Æмбырды ма ныхас цыд "Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны" проектыл дæр. Йе 'ххуысæй ацы аз базилдзысты 39 æхсæнадон бынатмæ. Дигора, Æрыдон æмæ Нар та архайынц паркты фæзуæттæ аив кæнынц æппæтуæрæсеон æркасты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
30 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии