Бæрæгбоны фæлгæты Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы ацыд фестивалы фыццаг концерт
Цæгат Ирыстоны цæуы ирон чъириты фестиваль. Мадзалы фыццаг бон Дзæуджыхъæуы Сæйраг парчы ацыд бæрæгбоны концерт. Сценæйыл фенæн уыд адæмон инструментты оркестр, йæ разамонæг Ходы Олег афтæмæй. Гом арвы бын концерттæ цæудзысты къуырийы дæргъы, зæгъынц горæты администрацийы. Фестивалы уазджытæм æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг программæ. Националон хæринæгтæ аходынæй уæлдай ма алыхуызон конкурстæ æмæ дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv