Цæгат Ирыстоны ацыдысты республикон ерыстæ æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды кубон эндуро-кроссæй

Ерысты архайджытæ стартмæ цæттæ сты, хæслæвæрдтæ æххæст кæндзысты «Ле-Ман», архайдхуызы. Куыддæр сын бар радтой, афтæ спортсментæ хъуамæ сæ мотоциклтæм базгъорой, скусын сæ кæной æмæ æрмæст уый фæстæ дугъы ацæуой. Иу минут дæр сафæн нæй. Разæй сæм æнхъæлмæ кæсы алыхуызон цæлхдуртимæ трассæ: хъайвантæ, стыр дуртæ, дон æмæ æндæр къуылымпыдзинæдтæ. Гонкæйы ацы хуыз схуыдтой эндуро. Йæхи амынддзинæдтæ йын ис. Архайджытæн радих кæнынц æмгъуыд, уыцы рæстæгмæ хъуамæ нысангонд фæзыл æрзилой цалдæр хатты. Цас фылдæр, уыййас хуыздæр. Трассæйы архайджыты алы змæлдмæ дæр бæстонæй кæсынц жюрийы уæнгтæ æмæ тæрхонгæнджытæ. Цæгат Ирыстоны цæуы хицæн æмæ комндæты 'хсæн гом чемпионат æмæ республикæйы турнир, уыимæ Цæгат Кавказы федералон зылды кубок «спортуарзджытæ» æмæ «ветеранты» 'хсæн. Снысан æй кодтой Сæрмагонд æфсæддон операцийы хъайтартæн. Ерысты архайынц 30 адæймаджы æгас Цæгат Кавказæй. Ацы мадзалы тæппуд æмæ æнæныфс фæсивæдæн бынат нæй. Уый йæ архайджытæ алы фæзилæны дæр сæхи дæнцæгæй æвдисынц. Йæхи хъæддыхæй æвдисы, къуылымпыдзинæдты сæрты лæппуты æмрæнхъæ хизы ерысты иунæг чызг архайæг Александра Хацеюк. Финалы æртæ хуыздæр спортсмены фæнысан кæндзысты зынаргъ лæвæрттæй. Фæлæ ерысты архайджытæн уый сæйрагдæр нæу. Ахсджиаг у цы æнкъарæнтæ райсынц, уый. Цæлхдурты сæрты ахизын куы сарæхсынц, уæд сæ тыхыл тых бафты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 455 подписчиков
12+
11 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии