Фæндæгтыл æдасдзинадæн
Абон нæ республикæйы хицауады къамисы æмбырды æрдзырдтой фæндаггон æдасдзинады фарстатыл. Йæ архайджытæ уыдысты министрадты æмæ ведомствæты минæвæрттæ. Бæстон æрдзырдтой сывæллæтты фæндагыл бахъахъхъæныны фарстатыл. Ацы аз сывæллæттимæ баст фыдбылызты бæрц фæкъддæр ис. Æмткæй райсгæйæ уыдысты æстай цыппар, уый у фароны уыцы `мгъуыдимæ абаргæйæ фынддæс проценты къаддæр. Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ уæлдай хъусдард хъуамæ цæуа зымæджы каникулты рæстæгмæ. Уымæ гæсгæ шофыртæм расидтысты, цæмæй фæндæгтыл цæуой арæхсджынæй. Уымæй уæлдай ма снысан кодтой ног азмæ куысты пълан: араздзысты рейдтæ, фæндаггон æдасдзинадмæ фылдæр хъусдард уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæндæгтыл æдасдзинадæн
Категория:
Новости и СМИ