Хæхты тæссаг уыдзæн зæйтæ рацæуынæй
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Хуссайраг регионалон хайады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны хæхты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Уыцы уавæры сты сыхаг республикæтæ дæр - Кæсæг Балхъар, Хъæрæсе-Черкеси, Цæцæны æмæ Мæхъæлы Республикæтæ. Ахæм боныхъæд ахæсдзæн цалдæр боны. Управленийы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй фыдбылызы бахауынæн бирæ нæ хъæуы. Тас у, хæдзæрттæ æмæ электрон тыхы телтæ, стæй иннæ инфраструктурæ бахъыгдарынæй. Гæнæн ис, æмæ æхгæд æрцæуой фæндæгтæ, хидтæ æмæ тоннелтæ. Зианхæссæг уыдзæн адæмæн дæр. Уымæ гæсгæ ирвæзынгæнджытæ сидынц республикæйы цæрджытæм æмæ уазджытæм, цæмæй æдасдзинады домæнтæ æххæст кæной, æнæхъуаджы хæхтæм ма цæуой. Исты фыдбылызы чи бахауд, уыдонæн сæ бон у ирвæзынгæнæн службæмæ æрбадзурын. Сæ телефоны номыр раздæрау - 01, чырæ телефонæй дзургæйæ та - 101. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хæхты тæссаг уыдзæн зæйтæ рацæуынæй
Категория:
Новости и СМИ