Æргом ныхас
Хицауады хæдзары нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд транспортон компани "Барс"-ы уæнгтимæ. Фæсидт сæм сæ лæггæдты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын, кæнæ та адæмимæ куыст ныууадзын. Ныхас кодтой 77-æм маршруты кусджыты номæй Битарты Вячеславмæ фыстæгыл. Республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта, цæмæй цæстдарæг кусæндæттæ гæртамдзинады æууæлтæм сæ хъус æрдарой. Уымæй уæлдай ма, куыд рабæрæг, афтæмæй компани "Барс"-ы гæххæттæ хъæугæ уавæры не сты. Компани республикæйы бюджетмæ æмбæлгæ хъалонтæ нæ фиды. Сæ кусджытæ та æмбæлгæ мызд нæ исынц. Уый иу, фæлæ ма уыцы къаппеччытæ фаг не сты пенсийы фаг бакусынæн дæр. Фембæлды сæйраг хатдзæгмæ гæсгæ, цæмæй шофыртæ сæ куыст дарддæр ахæццæ кæной, уыйтыххæй уал сæ хъæуы закъонхæлдтытæ аиуварс кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æргом ныхас
Категория:
Новости и СМИ