Цæгат Ирыстоны скъолаты райдайæн кълæсты æппæт ахуыргæнинæгтæ хъарм хæринаг хæрынц
Сихоры хæрдӕн — фых уырыдзы æмæ цыхтæй змæстæг, стуры фыдæй котлет, фæткъуыйы компот, дыууæ хуызы дзул. Уый у Алагиры скъола-интернаты 28-бонон менюйы иу хуыз. Ам хæрæндоны кусджытæ хæринаг сæхæдæг кæнынц, нæхимæ уагъд хойрæгтæй. Æрбаласынц сæ Дзæуджыхъæуы хойрæгты комбинатæй. Хæринаггæнджытæ сывæллæтты хъуыдымæ дæр ӕрыхъусынц. Рæстæгæй-рæстæгмæ хæринæгты хыгъдмæ ивддзинæдтæ бахæссынц. 28 боны дæргъы сывæллæттæ фæхæрынц алыхуызон хæринæгтæ. Хæрæндонæн разамынд дæтты Æмбалты Зауыр. Фарон рамбылдта æппæтуæрæсеон конкурс. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ам æххæст кæнынц хæрды раст фæткы домæнтæ. Цæхх æмæ сæкæр – къаддæр, фылдæр урсаг. Ног хæрдыл райдайæн къласты ахуыргæнинæгтæ уайтагъд нæ ацахуыр сты. Халсартæй хъæрмхуыппытæ æмæ кæсагæй котлеттæ æнæвнæлдæй лæууыдысты. Уый æхсæнадон цæстдарды минæвæрттæ бафиппайдтой. Хъуыддаг æнæ ныййарджыты цæстдард нæу. Хæрæндоны куы кусай, уæд хæрзад хæринаг кæнын фаг нæу. Хъуамæ ма технологон картæтæм цæст дарай. Уыдоны фыст ис ингредиентты бæрц граммы онг. Уæдæ цæст дарынц санитарон домæнтæм дæр. 28-бонон меню у Цæгат Ирыстоны скъола-интернатты лæвар хæрды ног стандарт. Лæвар хæрды регионалон ног стандарттæ 1-æм сентябрæй ис скъолаты дæр. Уым та ис 20 боны. Хъарм хæринаг æмæ цыминагæн Цæгат Ирыстоны фарон рахай кодтой 653 милуан сомы. Уыдонæй 230 милуаны — регионалон бюджетæй. Уый, 2022-æм азимæ абаргæйæ, 14% фылдæр у. Уый фæрцы, специалистты ныхасмæ гæсгæ, аходæнтæ æмæ сихорты хæрзхъæддзинад дæр фæхуыздæр. Фыццæгæмæй цыппæрæм къласы онг ахуыргæнинæгтæн хъарм хæринаг лæвар дæттыны тыххӕй бардзырд радта Владимир Путин. Закъон æххæст кæнынмæ Цæгат Ирыстон бавнæлдта фыццæгты 'хсæн. Нæ регион ис Хæрды мониторингы федералон центры хуыздæрты хыгъды. Æмæ сывæллæттæ уыцы бæрæггæнæнимæ разы сты. Скъолаты лæвар хæрынц нæ бæстæйы кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгты 100%. Сæ нымæц у 7 милуанæй фылдæр. Ацы аз хъуыддагæн федералон бюджетæй рахай кодтой 72 миллиард сомы.