Ивгъуыд æхсæв нæ республикæйы аргъуанты ацыдысты службæтæ
Аргъуыды райдианмæ нырма сахат хъæуы, Уæллаг Фыййагдоны нæлгоймæгты моладзандоны та ныр дæр ис сæдæгай адæм. Фæндаджы был хæдтулгæтæ ныххал сты. Сахат æмбисæхсæв куыддæр ныццагъта, афтæ Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуы архиепископ Герасим бæрæгбоны аргъуыд райдыдта. Скувын, цырагъ сæвæрын æмæ цæугæдоны хи цынайынмæ æрвылаз æрбацæуынц æгас бинонтæй, се ввахс адæм, сæ хæлæрттимæ. Бæрæгбоны службæйы дæр фæлæууынц райдианæй кæронмæ. Уæлхох цы аргъуан æрбынат кодта, уый æгас бæстæйы цæрджыты дæр йæхимæ æлвасы. Æмæ кæд ам цы адæм ис, уыдон алыхуызон адæмыхæттытæ æмæ кары минæвæрттæ сты, уæддæр сæ рухс æнкъарæнтæ æмæ уырнондзинад абон сты иухуызон. Литургийы фæстæ - Фыййагдоны былмæ абалц кодтой, найæн бынатмæ. Ам дæр Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуы архиепископ Герасим скуывта Хуыцаумæ. Йæхи чи цынайы, уый цыма ногæй райгуыры, афтæ йæм фæкæсы. Йесо Чырысти Иорданы донаргъуыд куы райста, ууыл дыууæ мин азæй фылдæр рацыд. Уæд байгом кодта дуæрттæ уæларвмæ. Æмæ уыцы рухс боныл дунейы цæрæг чырыстæттæ абон дæр цин кæнынц. Найæн бынатмæ адæм цыдысты суанг боныцъæхты онг. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ бынаты сарæзтой хъармгæнæн пункт. Уым рад хастой дохтыртæ æмæ зынгхуыссынгæнджытæ. Доныскъæфæны бæрæгбон чырыстæттæн ахсджиаг æмæ уарзон у. Алчидæр дзы йæхирдыгонау ары арф мидис.