24-æм июны 1812-æм азы францусаг император Наполеон 1-æмы æфсад æрбабырста Уæрæсемæ
Абон зындгонд нымад бон у Уæрæсейы æфсæддон историйы. 24-æм июны 1812-æм азы францусаг император Наполеон 1-æмы æфсад æрбабырста нæ бæстæмæ. Уырыссаг æфсад сæ ныхмæ æрлæууыд, йæ сæргъы инæлартæ Михаил Барклай-де-Толли, Петр Багратион æмæ Александр Тормасов, афтæмæй. 240 мин уырыссаг салдаты хъахъхъæдтой нæ зæххытæ. Францусæгтæ тагъд кæй бырстой, уый тыххæй не 'фсад къуындæг кодтой. Фæлæ кæд уырыссаг салдæттæ раздæр сæхиуыл фæстæмæ хæцыдысты, уæддæр знагæн стыр зиан хастой. Смоленскы бын тохы рæстæг фехæлдтой Наполеоны пълан уырыссаг æфсады сæйраг тыхтæ ныппырх кæныны тыххæй. 20-æм августы император Александр I-аг уырыссаг æфсады сæйраг командыгæнæгæй сæвæрдта Михаил Кутузовы. Уый уыд не 'фсады сæргъы хæсты сæйраг тохы дæр - Бородинойы фæзы. Æмæ кæд Мæскуы францусæгтæн ныууадзыны уынаффæ рахаста, уæддæр сын уыйфæстæ ныккодта бæрзæйсæттæн цæфтæ. Францусæгтæн нæ хойраг нал баззад, нæ сын баулæфыны фадат уыд. Уый тыххæй знаджы бахъуыд Калугæйы рдæм азилын. Уырыссаг æфсад та, Михаил Кутузов йæ сæргъы, афтæмæй, сарæзта "чысыл хæст" партизанты къордты `ххуысæй. Наполеоны ма бæргæ фæндыд уырыссæгтимæ баныхас кæнын. Фæлæ йын ахæм бар нал радтой. Березинайы раз хæсты 26-28-æм ноябры францусæгты æфсады сæйраг хай пырхгонд æрцыд. Декабры кæронмæ та Наполеоны атардтой Уæрæсейæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
24-æм июны 1812-æм азы францусаг император Наполеон 1-æмы æфсад æрбабырста Уæрæсемæ
Категория:
Новости и СМИ