Республикæйы районты хуымзæххытæ хурмæ ныххус сты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны 3 районы хус рæстæг кæй ахаста, уымæ гæсгæ дзы хъæууон хæдзарады министрад расидт æнæнхъæлæджы уавæр. Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбеджы ныхæстæм гæсгæ, май æмæ июны тæвд бонтæ бахъыгдардтой хуымты 77 мин гектары Мæздæджы, стæй Кировы æмæ Рахизфарсы районты. Зæххытæ ранæй-рæтты дурджын кæй сты, уый дæр уавæрыл хуыздæрырдæм нæ фæбæрæг. Бокоты Тамерлан зæххы куыст кæны 15 азы. Алы аз дæр сæм зæрдиагæй базилы. Йæ зæххыты фылдæр хайы нартхор ныссадзы. Ацы аз йæ фыдæбон хæрздзæгъæлы рауайдзæн, зæгъгæ, уый куы зыдтаид, уæд йæ йæ быдыртæм æвналгæ дæр нæ бакодтаид. Майы мæйæ нырмæ Ставд-Дурты уарынтæ не `рцыдис. Уæлдæфы температурæ та-иу 42 градусы сæрты акаст. Уый аххосæй быдыртæ ныххус сты. Йæ нартхоры хуымтæ июлы хъуамæ 2 метрæй фæбæрзонддæр уыдаиккой. Ныр та иу метрмæ дæр не схæццæ сты. Зæхкусæг куыд зæгъы, афтæмæй ахæм уæззау уавæры рагæй нал бахауд. Хъæуы ис донхорыггæнæн системæ. Советон дуджы йæ сарæзтой. Дон æм хъуамæ цæуа Урухæй. Фæлæ системæ бирæ азты дæргъы цалцæггонд нæ уыд. Цы ауазæнтæ дзы ис, уыдон дæр ранæй-рæтты ныппырх сты. Раздæрау куы куыстаид, уæд абон зæхкусджытæ сурмæ `ппæрст кæсæгтау нæ тæпп-тæпп кодтаиккой. Хъæуы администрацийы ныхæстæм гæсгæ, æдæппæтæй хъæуы зæххыты 70 проценты хъыгдард баййæфтой. Зæххытæ дурджын кæй сты, уый дæр уавæрыл хуыздæрырдæм нæ фæбæрæг. Сыхаг Рахизфарсы районы зæххытæ дæр хуыздæр уавæры не сты. Зæронд Бæтæхъойыхъæуы зæххы куыст чи кæны, уыдонæн сæ зæрдæтæ сæ хуымтæм акæсын комгæ дæр нал кæнынц. Бæркадджын тыллæг нæ, фæлæ тауæн куыстытыл цы бахардз кодтой, уый бæрц хорзæх дæр сæ нал фæуыдзæн. Рахизфарсы районы нартхоры хуымтæ 17 мин гектары сты. Сæ фылдæр хайæ, хъыгагæн, ницыуал пайда ис. Уæдæ æхсынæНы хуымтæ дæр - дæ балгъитæг афтæ. Кæд иннæ азты 4-5 тоннæйы æрæмбырд кæнынц гектарæй, уæд ацы аз иу тоннæйыл дæр сæ зæрдæ нæ дарынц. Хус рæстæджы аххосæй нæ республикæйы æртæ районы 9 июлы расидтысты æнæнхъæлæджы уавæр. Боныхъæд цы зиан æрхаста, уый банымайынæн хъæууон хæдзарады министрады сарæзтой сæрмагонд къамис. Дыууæ мæйы `мгъуыдмæ хъуамæ нæ республикæйы хъыгдард баййафæг зæхкусджытæн ракæной æхцайæ æххуыс. Уæдæ сын цыма æрдз дæр фæтæригъæд кæнынмæ бахъавыд, афтæ абон къæвдайы дон сасирæй луарын райдыдта. Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы фæсатæг уыдзæн. Арвы дуар дæр, зæгъынц, цалдæр боны нæ сæхгæндзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Республикæйы районты хуымзæххытæ хурмæ ныххус сты

Категория:

Новости и СМИ