Спорты хабæрттæй фылдæр радзурæм
Куыд ма уын хъусын кодтам чысыл раздæр, афтæмæй Уæгъдибар хъæбысхæстæй Европæйы чемпионатæй нæ богæлттæ Найфонты Артур æмæ Тускъаты Азæмæт сыздæхдысты сыгъзæрин майдантимæ. Тускъаты Азæмæт ахæм бæрзонд æвæзæдыл турниры рамбылдта фыццаг хатт. Уæлдай ахсджиаг та сæ уæлахиз уымæй у, æмæ дыууæ богалы дæр хæцынц олимпаг уæзы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Европæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй цыд 10-æм февралæй 16-ы онг, Римы. Уæрæсейы иугонд командæ рамбылдта 5 сыгъзæрин майданы. Афтæмæй, командæты `хсæн сси фыццаг. Нæ бæстæйы иугонд командæйы Тускъаты Азæмæт æмæ Найфонты Артурæй уæлдай ма архайдта Цæкулаты Батырбег. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Спорты хабæрттæй фылдæр радзурæм
Категория:
Новости и СМИ