Цæгат Ирыстоны аразынц сæрмагонд мадзæлттæ цæстфæлджыты ныхмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

Банчы картæйæ 500 мин соммæ ввахс иу цæсты фæныкъуылдмæ расыффыт кæнын. Уый куыд?! Цæстфæлдахджынтæн ацы хъуыддаг æнцонтæй аразгæ у. Фæстаг рæстæг, ахæм закъонхæлдтытæ сарæх сты. Спайда кæнынц алыхуызон гæды митæй. Уыцы рæстæг барадхъахъæнджытæ цырд фæлæууынц æмæ азымджынæн ныхкъуырд раттынц. Уыимæ аразынц алы хуызон сæрмагонд акцитæ. Ахæм хуызы сидынц республикæйы цæрджытæ, цæмæй къæрцхъусдæр уой. Беслæны цæрæг йе`намонды хал ахордта. 37 аздзыд нæлгоймагæн йæ банчы картæйæ 500 мин соммæ ввахс расыффыт кодтой. Куыдæй, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста. Фæлæ картæйæ уый бæрц æхца куы фæхъуыд, уæд фæфæдис пъæлицæйы кусджытæм. Уыдонæн радзырдта: æрæджы æрбадзырдтой Банкæй. Загътой, дæ картæйæ дын де`хца чидæр сисынмæ хъавы æмæ кæд дæхæдæг нæ дæ, уæд фæтагъд кæн æмæ дæ картæйы номыртæ радзур. Бахъахъхъæнæндзыстæм дæ, зæгъгæ. Фæлæ куыннæ стæй. Оператор йæхæдæг цæстфæлдахджытæй иу разынд. Беслæны цæрæг дæр бырæ нæ рахъуыды бахъуыды кодта - кæд хъуыди, уæддæр, æмæ тæвдæй алцыдæр авæрдта. Афтæмæй æфтиæгтæй цалдæр нолы фæхъуыд. Ахæм цау нæ республикæйы фыццаг хат не`рцыд. Барадхъахъæнджытæ цырд фæлæууыдысты æмæ азымджыны фæдыл ныййарц сты. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдысты дыууæйæ. Æрцахстой Самрæйы æмæ Ленинграды облæстты цæрджыты. Дыууæ дæр раздæр уголовон кодексы закъонхалджытæ. Ныр сыл ноджы иу хъуыддаг бафтыд. Беслæны цæрæгæн та йæ æцайы фæрæзтæ, фæстæмæ йæ къухы бакодтой. Хорзау фæци, фæлæ ихы сæр чы аззайы, ахæмтæ нæ республикæйы фылдæрæй фылдæр кæнынц. Уавæр аивыны тыххæй, Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ радгай цæуынц адæмы хсæнмæ. Амонынц сын, цæстффæлдахæн митæн æмбæлгæ ныхкъуырд куыд раттын хъæуы, уый. Ныридæгæн пъæлицæйæгтæ сæрмагонд мадзæлттæ сарæзтой Мæздæджы, Æрæфы æмæ Рахизфарсы районты. Бынæттон цæрджытæн æмбарын кæнынц, рагацау уыцы хъуыддæгты тыххæй куы зонай, уæд къæрцхъуыдæр кæй уыдзынæ. Æмæ цынæ самал кæнынц фыдгæнджытæ, цæмæй æхца ратоной адæмæй. Фылдæр, дам, Дæ хиуон зын уавæры бахауад æмæ йæ æхууыс хъæуы, зæгъгæ æфонæй æрбадзурынц. Уæлдай æргом акцийы архацджытæ здахынц кары адæймæгтæм. Куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон арæхтдæр бахауынц ахæм æвирхъау цауты. Цæстфæлдахджытæм, уыдоны асайын æнцондæр кæсы. Дæнцæгæн æрхæссæн ис Мæздæджы район. Уым ацы аз цæтфæлдахæн митæй хъыгдард чи баййæфта уыдоны нымæц фылдæр сырæзти карджын адæмы`хсæн. Пъæлицæйы кусджытæ ацы ахсджиаг хъуыддагы фæдыл æмгуыст кæнынц соицалон службæтæ, банчы кусджытæ æмæ постхæсджытимæ. Акцийы цы адæммæ фæсидтысты, уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй ныр сæ хæтæлтæй æнæзонгæ адæймаджы хъæлæс куы айхъусой, уæд хъынцъым нæ кæндзысты, фæлæ æмбæлгæ ныхкъуырд ратдзысты. Гогаты Марат _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны аразынц сæрмагонд мадзæлттæ цæстфæлджыты ныхмæ

Категория:

Новости и СМИ