Алагиры районы историон объект «Зылын дуар»-мæ абон базылдысты
Цæгат Ирыстоны историон æмæ культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæй иу у рагон арæнгæсуат«Зылын дуар». Йæ уавæр ын мæйы размæ сбæрæг кодтой æппæтуæрæсеон адæмон фронты Цæгат Ирыстоны хайады уæнгтæ. Куыд разынд, афтæмæй объектмæ æвæстиатæй хъæуы æргом аздахын. Нæ республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад, хъæды хæдзарады кусджытæ æмæ бархионтæ иумæйагæй сарæзтой сыгъдæгдзинады зиу. Семæ абалц кодта бæрнон кусæндоны специалист дæр. Бæлвырддæр уын радзурдзæн нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Зæронд арæнгæсуат «Зылын дуар» у федералон историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объект. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй арæзт æрцыд астæуккаг æнусты. Абонмæ ма дзы баззад фæндаджы хай. Йæ сæрмæ та хъахъхъæнæн мæсыг. Историон комплекс ирдæй æвдисы хохы цæрджытæн куыд ахадгæ уыдысты фæндæгтæ, уый. Фæстаг азты объектæн йæ уавæр зæрдæхсаинаг сси. Габойты Людмилæ, национ хæзнатæ хъахъхъæнæг кусæндоны директор: «Мæнмæ гæсгæ, ацы объект у Алагиры районы историон цыртдзæвæнтæй æппæты ахсджиагдæр. Абон дæр йæ бынаты кæй лæууы, уый махæн тынг æхсызгон у. Уæлдайдæр зæххæнкъуыстытæй тæссаг кæй у ацы ран, уый хынцгæйæ. Рагон фæндæгты арæзтад куыд бæрзонд æмвæзадыл уыд, уый дæр ирдæй æвдисы. 19 æнусы ног фæндаг куы сарæзтой, уæдмæ ацы комплексæй пайда кодтой. Йæ кæцыдæр хæйттæ нæ бон фенын нал у. Фæлæ, ма дзы цы баззад, уый æнæмæнг бахъахъхъæнын хъæуы». Объектмæ æвæстиатæй æргом аздахын кæй хъæуы, уый сбæрæг кодтой æппæтуæрæсейон адæмон фронты минæвæрттæ. Æппынæдзух сæ цæст дарынц нæ республикæйы историон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæм. Мæйы размæ абалц кодтой Алагиры районмæ дæр. Сфæнд кодтой объектмæ базилын. Комплексæй ма цы фæндаджы хай баззад, ууыл бæлæстæ æрзадысты. Сæ уидæгтæ историон объектæн хæссынц стыр зиан. Бæлæстæ акалынмæ æппæтуæрæсейон фронты минæвæрттимæ абон æрбамбырд сты хъæды хæдзарады кусджытæ æмæ æнæнхъæлæджы уавæры министрады минæвæрттæ. Ацы объект ис фæдзæхст бынаты. Æнæ бардæттæг гæхæттæй йæм цæуыны бар нæй. Уымæ гæсгæ, куыстытæм сæ цæст дарынц Цæгат Ирыстоны паддзахадон фæдзæхст бынаты кусджытæ дæр. Сыгъдæгдзинады зиуы архайджытæ се 'ппæт дæр хæст сты иу хуыдыйыл - объектмæ базилын хъæугæ хъуыддаг у. Хъуамæ йын бæлæстæ зиан ма хæссой, стæй туристтты бон дæр æй фенын уа. Фæлæ, йæ æвæстиатæй сцацлæг кæнын хъæуы, цæмæй бынтон ма фехæла. Уый та æнæ бæрнон специалисттæ æмæ æмбæлгæ фæрæзтæй гæнæн нæй. Æппæтуæрæсейон фронты минæвæрттæ дарддæр дæр сæ цæст дардзысты ацы объектмæ. Стæй бацархайдзысты, цæмæй æмбæлгæ фæрæзтæ дихгонд æрцæуой. Ахæм стыр ахадындзинад цы историон объектæн ис, уымæн сæфæн нæй. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алагиры районы историон объект «Зылын дуар»-мæ абон базылдысты
Категория:
Новости и СМИ