Æдасдзинадыл куыст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

35 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

35 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

35 просмотров

8 лет назад

Аиппытæ рабæрæг кæнынц æмæ аиуварс кæнынц. Ææнхъæлæджы уавæрты министрады æмæ газы службæйы кусджытæ радон хатт сарæзтой рейдтæ. Арæх адæм æдасдзинады домæнтыл сæ къухтæ ауигъынц. Газы прибортæ сæхæдæг сфидар кæнынц, кæм сæ фæнды, уым. Уый арæх фыдбылызмæ расайы. Уæлдайдæр - зымæгон! Специалисттæ курынц адæмæй, цæмæй газы прибортæм куыдфæндыйы цæстæй ма кæсой, æххæст кæной æдасдзинады хуымæтæг домæнтæ. Æнæнхъæлæджы цауты министрады æмæ газы службæйы кусджытæ сарæзтой радон рейд. Йæ сæйраг нысан - горæты цæрджыты фыдбылызæй бахизын. Ахæм мадзæлттæ аразынц куыд горæты, афтæ нæ республикæйы районты дæр. Статистикæмæ гæсгæ, афæдзмæ зынгсивæрзтытæ æмæ фыдбылызтæ арæхдæр хъармгæнæн рæстæджы `рцæуынц. Фыццаг кæдæм бацыдысты, уыцы хæдзары куыд бафиппайдтой, афтæмæй ацы газы гарзæй пайда кæнын у тæссаг. Йæ фæздæгуадзæн хæтæл нал бæззы. «Адæмæн æмбарын кæнæм фыццаджыдæр сæхи æмæ хиуæтты кæй хъуамæ бахъахъхъæной, уый. Сыгъд хъæстæ у тынг тæссаг. Уый тыххæй та арæхдæр хъæуы фæздæгуадзæнтæ сыгъдæг кæнын, вентиляцитæм кæсын. Хъыгагæн, арæх адæймаг фесæфы аццы хабжрттæм куыд фæндыйы цæстæй кæй кæсы, уый аххосæй. Сидæм сæм, цæмæй афоныл æмбæлгæ домæнтæ æххæст кæной», — РЦИ-Аланийы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæстдарæн хайады сæйраг инспектор Дзгойты Олег. Цæгат Ирыстоны ацы аз æрцыд 17 æнæнхъæлæджы уавæры. Хъыгагæн, дзы фæмард 13 адæймаджы, 8 та бахаудтысты рынчындонмæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй аххосæгтæ вæййынц алы хуызон. Æмæ цæмæй фыдбылызтæ ма цæуа, уый тыххæй афоныл хъæуы специалистты æххуыс агурын. Магнитогорскы фыдбылызы фæстæ Паддзахадон Думæ йæ хъуыды бахаста, цæмæй газы пецтæ цы бирæфатерон хæдзæртты ис, уыдонæн пластикæй рудзгуытæ баивын. Уый та уымæн, æмæ æнæнхъæлæджы уавæры рæстæг нырыккон рудзгутæн сæ авг зын асæттæн вæййы. Уыимæ ма специалисттæ зæгъынц: æдасдзинады домæнтæм кæсын хъæуы хæдзар аразгæйæ. Бæрнон ведомство сиды адæммæ: æдасдзинады домæнтæ кæронмæ æххæст кæнын хъæуы æнæмæнгæй. Фыццаджыдæр хæдзармæ хъуамæ сыгъæг уæлдæф æнæ къуылымпытæй хæццæ кæна. Уымæй уæлдай ма газæй куы нал пайда кæнай, уæд æй хъæуы æхгæнын. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æдасдзинадыл куыст

Категория:

Новости и СМИ