Æнæ тæвд донæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Æнæхъæн дыууæ къуырийы та Уæрæсейы цæрджытæ уыдзысты æнæ тæвд донæй. Уый тыххæй газетт «Известия»-йæн фехъусын кодта Уæрæсейы архитектурæ æмæ арæзтады министр Владимир Якушев. Уæвгæ уый алы аз дæр афтæ вæййы. Хъуыддаг баст у, хъармгæнæнты зымæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ кæй цæуынц, уыимæ. Уыимæ ма коммуналон службæтæ фæкæнынц профилактикон куыстытæ. Уыцы куыстыты æмгъуыд æмæ хæрзхъæддзинадмæ паддзахад ныр аздахдзæн уæлдай æргом. Ома, куыстытæ кæд бæлвырд рæстæджы æмгъуыдæй раздæр фæуой, уæд æвæстиатæй хъæудзæн хъармгæнæнтæм газ радтын, цæмæй бирæуæладзыгон хæдзæртты тæвд дон кæла. Зымæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ кæд райдайдзысты æмæ кæд фæуыдзысты, уый тыххæй коммуналон службæтæ афойнадыл хъуамæ хъусын кæной бынæттон цæрджытæн. Бæлвырд æй куы зоной, уæд адæм, чи зоны, æмæ афтæ тынг не стыхсдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æнæ тæвд донæй

Категория:

Новости и СМИ