Æхснырсæг æмæ гриппæй рынчынты нымæц лæууы ивгъуыд къуырийы æмвæзадыл
Æхснырсæг æмæ гриппæй рынчынты нымæц лæууы ивгъуыд къуырийы æмвæзадыл. Уыимæ скъоладзаутæ къаддæр рынчын кæнын райдыдтой. Уый сбæрæг хицауады аппаратон æмбырды. 68 ахуыргæнæндоны сты карантины. Сергей Меняйло бабар кодта дзуапдæттæг ведомствовтæн дарддæр дæр уавæрмæ кæсын. Æмбырды ма ныхас кодтой Алагиры районы донудзæуæн системæтæм базилын æмæ доны каналы исбонад æндæр къухтæм раттыны фарстатыл. Ацы куыст хъуамæ фæуой февралы. Ныхас ма кодтой зæххы хæйттæн ревизи скæныны тыххæй дæр. Дзуапдæттæг министр Тедеты Руслан куыд радзырдта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы хуссар хайы экспертизæ скæнын хъæуы 75 бæстыхайæн. Фыййагдонмæ хæстæг байуæрстой 50 зæххы гæппæлы. Закъонмæ гæсгæ сыл арæзтдон куыстытæ кæнын не 'мбæлы. Уыцы информаци лæвæрд æрцæудзæн прокуратурæмæ. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта, районы администрацитæй зæххыты гæххæттытæ бацагурын, тæрхондонмæ домæнтæ бацæттæ кæнын æмæ сæ прокуратурæмæ арвитын.