Диссаг! Зымæджы мит æруарыд!
Цæгат Ирыстонмæ æрцыд æцæг зымæг, кæд æм Ног азы бæрæгбонмæ æнхъæлмæ кастысты, уæддæр. Дзæуджыхъæуы мит знон райдыдта фæлдзæгъдæн. Фырцинæй горæты уынгтæ адæмæй байдзаг сты. Чи дзоныгътыл хъазыд, чи митын лæгтæ арæзта. Адæмы цинæн абон дæр кæрон нæ уыд. Бæлвырддæр уын зымæджы нывты тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг. Митæфснайæн хæдтулгæтæ Дзæуджыхъæуы уынгтæм рацыдысты дысон изæрæй. 15 сæрмагонд машинæйы фæндæгтæ сыгъдæг кодтой митæй. Уыцы куыст сæ кæнын бахъуыд æнæхъæн æхсæв. Суанг ма боныгон дæр иу ран не `рлæууыдысты. Горæты цæрджытæ, мит кæй æруарыд, ууыл тынг бацин сты. Æнæхъæн бинонтæй рацыдысты уынгмæ. Сабитæ Дзæуджыхъæуы къуыбыртæй иу дæр æнæсгæрстæй нал ныууагътой. Плиты Иссæйы номыл цыртдзæвæны раз райсомæй нырмæ бирæ адæм уыд. Ацы ран алы кары адæмæн дæр уарзон у. Зохъоты Вячеслав йæ хъæбулы хъæбул Давидимæ знон ам цалдæр сахаты фæцис, æмæ та сæумæрайсом дæр ногæй ам æрбалæууыдысты. Куыд зæгъынц, афтæмæй уазæлттæй æппындæр нæ тæрсынц. Тынг хорз боныхъæд. Æрдзæн стыр бузныг. Улæфæн бонты нæ барæвдыдта. Давидимæ уынгмæ рацыдыстæм. Хæдзары нæм ис куыдз Кутя. Ам ын хъуамæ йæ сурæт митæй саразæм. Фыццаг мит се `ппæты зæрдæты дæр хъæлдзæг æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта. Уæлдай цин ыл сабитæ кæнынц. Фæлæ мит бирæ рæстæг нæ уардзæн. Абон тайын райдыдта. Хæстæгдæр бонты боныхъæды бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæхъарм уыдзæн. Зымæджы урс пæлæзæй ма исты аззайа, уый дыууæйыл у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Диссаг! Зымæджы мит æруарыд!
Категория:
Новости и СМИ