Хæстон намысы фæдтыл
Стыр Уæлахизы 73 азы боны агъоммæ Цæгат Ирыстоны сарæзтой хæстон намысы бынæттыл хæдтулгæтыл дугъ. Æрвылазон акци райдыдта Дзæуджыхъæуы. Десантон æфсæдты службæгæнджытæ, алыхуызон хæстон цауты ветерантæ æмæ æхсæнадон кусджытæ Намысы мемориалыл дидинджытæ сæвæрдтой. Æрхъуыды кодтой æдзард хæстонты. Уый фæстæ машинæты колоннæ йæ фæндаг акодта республикæйы хæстон намысы æндæр бынæттыл. Раздæрау, колоннæйы сæргъы цыд, æмбал кæмæн нæй, ахæм машинæ – 1947-æм азы уагъд. Акцийы архайджытæ æрзылдысты Архонкæйы станицæйы æмæ Æрыдоны æфсымæрон ингæнтыл, æрлæууыдысты Барбашовы номыл цыртдзæвæны цур. Бахæццæ сты Елхоты, Æрджынарæджы хъахъхъæнджыты номыл мемориалы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хæстон намысы фæдтыл
Категория:
Новости и СМИ