Куырттаты хъæуы цауы фæдыл сæрмагонд æмбырд ацыд Октябрскæйы
Сергей Меняйло бадомдта Куырттаты хъæуы цауы фæдыл сæрмагонд æмбырд саразын. Октябрскæйы йæ амыдта сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим. Архайдтой ма дзы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинады министрады, фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты минæвæрттæ, барадхъахъхъæнджытæ, æхсæнадон æмæ дины иугондты уæнгтæ. Фембæлды ныхас цыд нациты 'хсæн хæлар ахастдзинæдтæ ныффидар кæныныл. Гобеты Ибрагим фæсидт æмбырды архайджытæм, цæмæй фæсивæд æмархайд кæной социалон ахадындзинадимæ проектты.