11 æм къласы ахуырдзаутæ ныффыстой кæронбæттæны нывæцæн
Цæгат Ирыстоны 11-æм къласы ахуырдзаутæ ныффыстой кæронбæттæны сочинени. Нывæцæн чи ныффыста уыдонæн сæ фылдæр хай райстой зачет. Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Башаринæйы ныхæстæм гæсгæ нывæцæны хатдзæгтæ абарæн ис фароны азимæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фæлварæнмæ цы æхсæнадон цæстдарджытæ кастысты уыдон фæлварæны рæстæг кæй ницы аиппытæ рабæрæг кодтой. Сывæллæттæ сочинени фыстой цалдæр темæйыл: «Добро и зло», уый равзæрстой рауагъдонты 34%, дарддæр «Надежда и отчаяние» æмæ «Он и она» темæтæ. Чи сарæхст хæслæвæрдимæ, уыдонæн ныр фадат уыдзæн иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттын. Чи нæ сарæхсыд уыдонæн та сæ бон уыдзæн уæлæмхасæн рæстæгæй спайда кæнын, ома сочинени ныффыссын февралы, кæнæ майы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
11 æм къласы ахуырдзаутæ ныффыстой кæронбæттæны нывæцæн
Категория:
Новости и СМИ