Елхоты уыд суинаг ирвæзынгæнджыты ерысты регионалон къæпхæны радон тур
Фыдбылызы цы адæймаг бахауд, уый аирвæзын кæнын. Уымæй уæлдай ма йын раст фыццаградон æххуыс бакæнын. Ирвæзынгæнæджы дæсныйадыл ахуыр кæнынц Уæрæсейы алы регионтæй чызджыты æмæ лæппуты. Елхоты уыд суинаг ирвæзынгæнджыты ерысты регионалон къæпхæны радон тур. Архайдтой дзы 40 адæймагæй фылдæр. Цæцæн, Стъарапол, Мæхъæл, Кæсæг-Балхъары республикæ æмæ Цæгат Ирыстонæй. Турнир арæзт уыд «Юный спасатель» æмæ «Юный пожарный», зæгъгæ, уыдоны хуыздæртæ равзарынæн. Регионалон къæпхæны уæлахиздзаутæ дарддæр архайдзысты æппæтуæрæсейон ерысты, Мæскуыйы. Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм турнир фæсивæдæн у хъæугæ æмæ пайда. Александр Глазов, Дзæуджыхъæуы агурæн-ирвæзынгæнæн хайады разамонæг, ерысты сæйраг тæрхонгæнæг: «Ахæм мадзал фæсивæдæн фыццаджыдæр пайда у сæ физикон райрæзтæн. Уымæй уæлдай ма зонгæ кæнынц се `мгæрттимæ сыхаг республикæтæй. Зонындзинæдтæ райсынц, адæймагæн бахъуаджы рæстæг раст фыццаградон æххуыс куыд бакæнын хъæуы, уый тыххæй. Ацы хæсты тыххæй арæзт сты ацы ерыстæ дæр». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Елхоты уыд суинаг ирвæзынгæнджыты ерысты регионалон къæпхæны радон тур
Категория:
Новости и СМИ