Хуссар æфсæддон зылды сулужбæгæнджытæн сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Мæнг ныхмæлæууæджы мысан акъуырын 100 метры дæрддзæгмæ. Уымæй уæлдай Калашниковы автомат райхалын æмæ фæстæмæ сæмбырд кæнын. Хуссар æфсæддон зылды мотоæхсæн дивизийы салдæттæ архайдтой æфсæддон ахуырты. Æдæппæтæй 200 адæймагæй фылдæр. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Фыццаг æхстӕй мысан къуырд æрцыд. Хуымæтæджы нæ. Хæцæнгарз къухтæм райсыны размæ уал æфсæддонтæ ацæуынц сæрмагонд ахуыртæ. Хуссар æфсæддон зылды мотоæхсæн бригады салдæттæ ахæм æхстыты архайынц фыццаг хатт. Ахуыртæ цæуынц æцæг цаутæм хæстæг хуызы. Радион Беспалов ссыд Хъырымæй. Йæ службæйы рæстæг уал райста теоретикон зонындзинæдтæ. Æцæг хæцæнгарзӕй  нæмгуытæ æхсын уыд йæ бæллиц сывæллонæй фӕстӕмӕ. Мæнг ныхмæллæууæджы акъуырын хъæуы сæдæ метры дæрддзæгӕй. Ам æфсæддонты ахуыр кæнынц Калашниковы автомат халын æмæ ногæй æмбырд кæныныл. Уыцы фæлтæрддзинад у ахсджиаг æмæ йæм здæхт цæуы уæлдай æргом. Æвзонг салдæттимæ иумæ сæ арæхстдзинад æвдисынц фæлтæрдджын службæгæнджытæ. Ахуырты рæстæг сын амонынц, хи раст куыд дарын хъæуы, уый. Æдасдзинады мадзæлттæ рох кæнæн нæй. Полигоны ис 2 ахуырадон ротæйы. Æдæппæтæй 200 адæймагæй фылдæр. Бирæтæ сæ цард фæнд кæнынц æфсадимæ сбæттын. Мотоæхсджыты фыццаг тактикон ахуырты æфсæддонтæ фæлварынц иннæ дæлхайæдтимæ раст æмархайыныл. Фистæгдзæуæг æфсæдты бон аккаг ныхкъуырд раттын куыд уыдзæн уæлдæфон нысантæн, уый та сын разамынд бацамондзæн фидæны аз. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv