Форум «Машук-2019» фыццаг фæлтæр дарддæр йæ куыст кæны
Цæгат Кавказы форум «Машук-2019» дарддæр йæ куыст кæны. Абоны бон снысан кодтой Цæгат Кавказы федералон зылдæн. Раздæр алы регионы командæ дæр кадджын уавæры гом кодта националон фæзтæ Ацы хатт программæмæ бахастой ивддзинæдтæ. Иумæйаг бон снысан кæнгæйæ форуммæ æрцæудзысты Цæгат Кавказы регионты разамонджытæ. Сæрмагондæй сын бацæттæ кодтой программæ. Байгомæй кæндзысты проектты армукъайæ. Уым равдисдзысты ивгъуыд азты архайджыты куыстытæ. Уый фæстæ рахиздзысты ацы азы проекттæм. Кадджын уазджытæн ма бацæттæ кæндзысты концертон программæ дæр. Мадзалмæ саккаг кæндзæн Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Форумы фæзты ныхас кæндзæн ирон фæсивæдимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Форум «Машук-2019» фыццаг фæлтæр дарддæр йæ куыст кæны
Категория:
Новости и СМИ