Абон 87 азы сæххæст Гæздæнты Булатыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Абон 87 азы сæххæст Гæздæнты Булатыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

10 просмотров

3 года назад

Абон 87 азы сæххæст Гæздæнты Булатыл. Композитор, фæндырдзæгъдæг, дирижер, педагог, Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, республикæйы фыццаг «Фæллойы хъайтар». Йæ алы фезмæлды дæр – музыкæ, рæсугъд æмæ зæрдæмæхъаргæ. Æвидигæ курдиаты хицау Гæздæнты Булат сфæлдыстадæн снывонд кодта йæ цард. Йæ музыкалон сисы бынæй цы уацмыстæ рацыд, уыдонæн фæивддзаг уӕвӕн ницæимæ ис. Рухс кæнынц уды арф къуымтæ. 5-аздзыд лæппуйæ йæ зæрдæмæ хӕстӕг айста ирон фæндыр æмæ йæ уæгъд нал суагъта. Æрыгон лæппу райдиан кълæстæй фæстæмæ цагъта хихъæппæрисадон къорды. Скъола каст куы фæци, уæд бацыд ахуыр кæнынмæ Дзæуджыхъæуы музыкалон училищæмæ, дарддæр Мæскуыйы Гнесинты номыл музыкалон-педагогон институт. Афтæ Булатæй рауад дæсны музыкант æмæ дирижер. Сси Цæгат Ирыстоны радио æмæ телеуынынады комитеты адæмон инструментты оркестры разамонæг. Чи йæ банымайдзæн абон, Гæздæнты Булаты къухæй цал дæсны фæндырдзæгъдӕджы рацыд, уый. Цас æмæ цас ирон фæсивæдæн бауарзын кодта фæндыр. Ныр уыдон фæллой кæнынц нæ бæстæйы алы къуымты. Кæд цард йæ кæнон кæны, уæддæр Гæздæнты Булат фæндырыл йæ зæрдæ нæ сивта. Абон исы арфæтæ, йæ курдиатæн ын стыр аргъ чи кæны, уыдонæй. Йӕ музыкæ та адӕмы зæрдæты цæрдзæн æнустæм.

, чтобы оставлять комментарии