Цæгат Ирыстонмæ ссыд президенты цур граждайнаг æхсæнад æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг Советы уæнг
Бæстæйы дарддæр цæттæ кæнынц хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ. Цæгат Ирыстонмæ ссыд президенты цур граждайнаг æхсæнад æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг Советы уæнг Александр Брод. Сæрмагонд æмбырды архайдтой эксперттæ, бархионтæ æмæ æвзарæн къамисты уæнгтæ. Мæскуыйаг уазæг аныхас кодта æхсæнадон штабы минæвæрттимæ, партиты уæнгтæ æмæ кандидаттимæ. Бабæрæг кодта æвзарæн хайæдтæ. Хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæй Цæгат Ирыстоны Александр Брод разыйæ баззад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv