Наркотиктæ чи уæй кодта, уыцы закъонхалæджы æрцахстой
Цæгат Ирыстоны та æрцахстой синтетикон наркотиктæ чи уæй кодта, ахæм закъонхалæджы. Уый тыххæй фæхабар кодтой пъæлицæйы хайадмæ. Уыдон рацыдысты сæрмагонд басгæрстмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй закъонхалæг у 20 аздзыд Заводы хъæуы цæрæг. Ссардтой йæм буаргъæдты тыхтонтæ. Уыимæ ма, пъæлицæйæгтæ сбæрæг кодтой, нæлгоймаг ма раздæо дæр закъоны сæрты кæй ахызти. Ссардтой ма йæм 18 сусæг æвæрæнтæ. Йæ хæдтулгæ дæр ын федтой, уым дæр рабæрæг ис ахæм тыхтонтæ. Эксперттæ уыцы буаргъæдтæм иртæстытæ куы сарæзтой, уæд разынд - синтетикон наркотиктæ кæй сты. Сæ иумæйаг бæр уыди 42 граммæй фылдæр. Ныртæккæ закъонхалæджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг Уголовон кодексы 30-æм æмæ 228-æм статьятæм гæсгæ. «Æнæзакъонæй наркотикон буаргъæттæ парахат кæныны тыххæй». Афтæмæй йæм æвзиды 20 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Слестгæнджытæ дарддæр сæ куыст кæнынц. Закъонхалæг йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй Интернеты тыгъдады ссардта хъусынгæнинаг, курьеры куыст чи кæндзæн, ахæм адæймаджы кæй ахурынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Наркотиктæ чи уæй кодта, уыцы закъонхалæджы æрцахстой
Категория:
Новости и СМИ