Беслæны бындуронæй цалцæг кæнынц культурæйы хæдзар

Бæстыхай бындуронæй цалцæггæнинаг уыд. Къултæ æмæ бындур фæфидар кодтой бетонæй. Ногæй баивтой хъæдын цæджындзтæ, цар æмæ электрон тыхы телтæ. Ныртæккæ кусджытæ æвæрынц зынгсирвæзты ныхмæ системæ æмæ рудзгуытæ. Бæстыхай самадтой 1937-æм азы. Ацы къултæ хорз хъуыды кæнынц фæсивæды архайдимæ сфæлдыстадон куыст æмæ хъазтизæртæ. Культурæйы хæдзар кæй цалцæг кæнынц, уый уæлдай æхсызгон у хистæр кары адæмæн, уымæн æмæ сæ царды хуыздæр рæстæг ам арвыстой. Културæйы хæдзары байгом кæндзысты алыхуызон къордтæ. Хореографион, зарæггæнджыты, хъæддæсныты кълæстæ. Алы сывæллонæн дæр фадат уыдзæн йæхи раргом кæнынæн. Дыккæгæм уæладзыджы уыдзæн актон зал æмæ гримеркæтæ. Залы бынат уыдзæн 230 адæймагæн. Аразджыты хæстæй иу – агъуыстыты æддаг бакаст бахъахъхъæнын. Советон рæстæджы конд нывæфтыдтæ æмæ интерьеры дизайн ныууадзын хъӕудзӕн. Егъау рацарæзт райдыдта ивгъуыд аз апрелы. Аразджытæ стыр куыст бакодтой уыцы рæстæгмæ. Фæткмæ гæсгæ, Культурæйы хæдзар хъуамæ сцæттæ уа ацы аз.

Иконка канала IRYSTONTV
1 459 подписчиков
12+
8 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии