Адæмон фронты уæнтæ радон хатт скъолатыл æрзылдысты
Хæринæгтæ хæрзад сты, меню — хъæздыг, хæйттæ та — бæркадджын. Уый сбæрæг кæнынмæ Адæмон фронты уæнтæ радон хатт скъолатыл æрзылдысты. 13-æм скъолайы ис 400 ахуыргæнинагæй фылдæр. Скъоладзауты хæрд хъуамæ уа хæрзхъæд, уыимæ сывæллæтты зæрдæмæ цæуа. Активисттæ æркастысты, хойрæгтæ цы уавæрты дарынц, уымæ дæр. Мигæнæнтæ иууылдæр кусынц, дзуапп дæттынц домæнтæн. Ахуырадон уагдоны хæрæндоны аиппытæ нæ рабæрæг. Басгæрстытæ æппынæдзух цæуынц куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы районты дæр.