Премьер Дзанайты Барис амыдта оперативон штабы æмбырд
Премьер Дзанайты Барис амыдта оперативон штабы æмбырд
Премьер Дзанайты Барис амыдта оперативон штабы æмбырд. Ныхас цыд экономикæйы рæзты æууæлтыл санкциты рæстæг. Афтæмæй, æфтиæгтæ равдыстой 21 млрд, хæрдзтæ та 20 млрд сомæй чысыл фылдæр. Профицит у 600 милуан сомы чысыл цухæй. Бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Исахъты Олег. Хæрдзты хыгъды стыр æргом здæхт цæуы социалон-культурон къабазмæ - у 60% фылдæр. Дзанайты Барис дзупдæттæг ведомствæйæн бабар кодта, хъалонты службæйы управлениимæ æмгуыст кæнгæйæ, республикæйы бюджетмæ цы æфтиæгтæ цæуынц, уыдон афойнадыл нымайын.