Культурæты диалог
Иу мин скъоладзауæй фылдæр архайдтой сывæллæтты аивадон сфæлдыстады регионалон форум «Диалог культур»-ы. Стыр концерт сарæзтой абон Дзæуджыхъæуы аивæдты лицейы. Йæ архайджытæ уыдысты Цæгат Кавказы æмæ æндæр регионты кафджыты къордты минæвæрттæ. Равдыстой сæ адæмыхæттыты национ аивад. Форум бабæрæг кодтой Казань æмæ Бельгийы минæвæрттæ дæр. Цæгат Ирыстоны ма `рфысым кодта Татарстаны аивæдты сгуыхт кусæг Вера Закамская. Архайджытæн сарæзта дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Культурæты диалог
Категория:
Новости и СМИ