Куы вæййы, куы - нæ
Кортиаты Сергей æхсæнадон транспортыл кусы 15 азæй фылдæр. Цы хæдтулгæ йын бабар кодтой, ууыл дæр къаддæр нæ цæуы. Автобус куы асæтты, уæд æй шофыр цалцæг фæкæны хи хъарутæй. Гогаты Ульянæ Дзæуджыхъæумæ куыстмæ цæугæйæ 13 азы пайда кæны æхсæнадон транспортæй. Автобусы æрвылбоны фæтк зоны йæ фондз æнгуылдзау. Гогаева Ульянæ - Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Ульянæ у Цымытийæ. Хъæуы цæры 138 адæймаджы. Вæййы афтæ, æмæ автобус мæй фондз хатты дæр асæтты. 27 километры автобус Къостайыхъæуæй фæцæуы сахатæй фылдæр. Адæмæн уый у æцæг хъизæмар. Бæлцæттæ хъаст кæнынц, транспорт кæй ныззæронд, ууыл. Кæм базгъæлæнтæ уыдзæн, уый бæрæг ын нæй. Фæндаджы уавæр алы ран иухуызон кæй нæу, уый хæдтулгæйыл хорзырдæм нæ ахады. Фæндаг уæлдай зæрдæхсаинагдæр у, Къостайыхъæуæй куы ахизай, уæд уым. Бæлццæтты ныхæстæм гæсгæ автобус ссæдз минуты афæстиат вæййы, шофыры пълан кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй. Дзæуджыхъæуы хъуамæ уа райсомы 8 сахатыл, хæццæ та йæм ссæдз минуты фæстæдæр свæййы. Адæмæй бирæтæ сæ хъуыддæгты фæдыл бакæнынц. Райсомæй автобус рараст вæййы Цымытийæ. Дарддæр йæ фæндаг акæны Къостайыхъæу, Фарныхъæу æмæ Беслæныл. Кæддæр-куыддæр схæццæ вæййы ДЗæуджыхъæумæ. Адæм бафæлладысты дзыхъхъытæ æмæ цъыф фæндæгтыл цæуынæй. Æмæ сæ бамбарæн ис. Сахатæй фылдæр ахæм транспорты схъиуын искæй зæрдæмæ цæуа, уый зын бауырнæн у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куы вæййы, куы - нæ
Категория:
Новости и СМИ