Уæрæсейы цæуынц бæстæйы президенты æвзæрстытæ

Уыдон та сты 150 адæймагæй фылдæр. Æмæ кæд хъæу дæрддзæф у, уæддæр æвзарæн участочы уавæртæ конд сты нысангонд фæткмæ гæсгæ. Алцæмæй дæр æххæст. Æвзæрстыты цыдмæ къамисы уæнгтæй уæлдай кæсынц фæсарæйнаг цæстдарджытæ. Ацы ахсджиаг цаумæ хъæуы цæрджытæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты. Æмбарынц æй бæстæйы фидæн алы цæрæгæй аразгæ кæй у, уый. Æрбацæуджытæм æнхъæлмæ каст цымыдисаг концертон программæ. Рагон хъæзтытæ, кæфтытæ æмæ зарджытимæ. Сæ хъæлæс раттынмæ цæрджытæ цыдысты бæрнонæй. Алагиры районы æмткæй байгом 29 æвзарæн участочы. Сæ размæ сæвæрдтой иумæйаг хæс – æвзæрстытæ рæстдзинады бындурыл саразын. Граждайнаг позици сæххæст кæнын кæй хъæуы уый æмбарынц æмæ ахсджиагыл нымайынц Дзуарыхъæуы фæсивæд дæр. Фыццаг хатт чи хъæлæс кæны, уыдон чысыл не сты Мызуры дæр. 10 æрыгон адæймаджы. Се 'ппæтæн дæр бацæттæ кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Мызуры 25-æм участокмæ хауы 3 хъæуы. Нузал, Садон æмæ Галон. Дæрддзæф бынæтты цæрджыты æнцойдзинадæн бацæттæ кодтой рæстæгмæ æвзарæн участоктæ. Æвæрд æрцыдысты сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Абон дзы хъæлæс кодтой Нузалы цæрджытæ, райсом æмæ иннæ бон та сæ фидæн æвзардзысты иннæ дыууæ хъæуы цæржытæ. Бирæ бинонтæн æвзæрстытæ сты æцæг бæрæгбон. Æппæт æвзарæн участоктæ дæр байгом сты абон райсомы 8 сахатыл. Æрмæст æмбисбонмæ Алагиры районы 26 мин 413 цæрæгæй схъæлæс кодтой 8 минмæ 'ввахс адæймаджы, уый у цæрджыты 30%. Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ цæудзысты æртæ боны 15-æй 17-æм марьъийы онг. Калоты Дзерассæ

Иконка канала IRYSTONTV
1 457 подписчиков
12+
29 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии