Культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны тыххæй ныхас кодтой хицауады профилон
Культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны тыххæй ныхас кодтой хицауады профилон
Цæгат Ирыстоны, культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны тыххæй ныхас кодтой хицауады профилон уæнгты æмбырды. Амыдта йæ Дзанайты Барис. Премьер куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, культурон нысаниуæг цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдонмæ зилын æмæ сæ бахъахъхъæнын у профилон уагдæтты сæйрагдæр хæс. Культурон нысаниуæгимæ объекттæ хъахъхъæнын æмæ сæ пайда кæныны комитеты сæрдар Галуаты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, уыцы объектты æхсæн ныртæккæ республикæйы федералон нысаниуæгимæ сты 411, регионалон нысаниуæгимæ - 246. Ног кæй рабæрæг кодтой, уыдоны нымæц та у 1 мин 307. Ацы аз фæнд кæнынц æппæтуæрæсеон туристон комплекс «Мамысон»-ы культурон нысаниуæгимæ цы бæстыхæйттæ ис, уыдон бахъахъхъæныны пълан баххæст кæнын. Курорты бынаты ис 50 ахæм объекты. Комитеты æмæ районты сæргълæууджыты размæ сæвæрдтой хæс, æппынæдзух хъахъхъæд бынæттæм цæст дарын, цæмæй дзы æнæзакъон арæзтадтæ мачи райдайа.